Фидиуӕг @ironkanal Channel on Telegram

Фидиуӕг

@ironkanal


Зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ацы каналы уӕ бон у ӕрвылбон фӕрсат/кӕсат ног хабӕрттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагыл!

Стӕй-ма @ironkanal дарддӕр рекомендаци кӕнут уе 'мбӕлттӕн ӕмӕ уӕ хӕстӕджытӕн.

Стыр бузныг, @ironkanal

Фидиуӕг (Ossetian)

Дзы сӕ бӕлӕг де фидиуӕг канал. Иронканал фӕрсаты ног хабӕрттӕ нӕ рӕсугъд ирон ӕвзагыл! Стӕй-ма @ironkanal дарддӕр рекомендаци кӕнут уе 'мбӕлттӕн ӕмӕ уӕ хӕстӕджытӕн. Бузынтыг @ironkanal уӕ бонӕтыг.

Фидиуӕг

21 Nov, 13:14


⚡️ Зынгæ ирон кувæглæг Зæнджиаты Урусби КУВЫ Уастырджимæ - Ирыстоны æмæ ирон лæгты хъахъхъæнæгмæ.

Куывд фыст аерцыд 100 азы размӕ.

@ironkanal

Фидиуӕг

21 Nov, 11:24


🇷🇺 Цы нысан кæны зæрдæйы ахаст, бамбарын мын æй кæнут уæ комментариты: 5 минуты мидæг ирон æвзагыл афыссæм нæ хъуыдытæ.

Фидиуӕг

21 Nov, 05:21


ℹ️ Бӕгъиаты суадон ныр срӕсугъд Багаты Владикы фӕрцы.

Фидиуӕг

20 Nov, 16:59


⚡️Уӕрӕсейы Генералон прокуроры уынаффӕгенег Поклонская Наталья славяйнаг диныл ныххӕцыд.

💬 Мӕн нӕ интерес кӕнынц ахӕм адӕмы хъуыдытӕ, чырыстон диныл чи у хӕст, ӕз уыцы динмӕ ницы бар дарын, - Поклонская

Уый размӕ Уӕрӕсейы чырыстон дины минӕвӕрттӕ йӕ сӕ телеуынынад "Спас"-ӕй бафаудтой ӕндӕр динмӕ кӕй ахызт, уый тыххӕй.

Фидиуӕг

20 Nov, 10:04


▶️ Кувын хъæуы сыгъдæг удæй!

Нæ ирон фарн æмæ амонд дæр кæмдæрты, æвæццæгæн, аразгæ сты нæ раст куывд æмæ табуйæ Стыр Хуыцаумæ, Уастырджимӕ, зæдтæм æмæ дауджытæм.

Куыд кувæм, цы хуызы, цавæр зæрдæйы уагимæ?

Саст æмæ таст зæрдæйы уагимæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, кувын нæ, оммен кæнын дæр не ’мбæлы.

Джеоргуыбайы мæйы 9-æм бон «Рæстдзинад»-ы бакастæн Мæрзаты Таймуразы уацхъуыд «Кувæндон цæлгæнæн нæу», сымах дӕр ма йӕ бафӕрсут.

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

19 Nov, 23:54


➡️ Куыд ныппырх кӕнынц наци:
🔴 Нырма уал ын йӕ УИДӔГТӔ байсынц!
🔴 Уый фӕстӕ та - йӕ НАМЫС, ФЫДӔЛТЫ, УЫРНЫНАД, ӔВЗАГ ӕмӕ КАДДЖЫТӔ!
🔴 Фӕстагмӕ йын бацахсынц йӕ ЗӔХХ!

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

19 Nov, 20:47


🎵 Сырдон хъазы Нарты раз йæ фæндырыл, - Багаты Агуындæйы куыст

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы
#Нарттӕ

Фидиуӕг

19 Nov, 18:34


🔥 Джызæлы Уастырджыйы бӕрӕгбонмӕ сæхи рагацау æмæ зæрдиагæй цæттæ кæнын райдайынц.

Хъæуы цæрджытæ бæрæгбоныл сæмбæлдысты хъæлдзæг æмæ буцæй.

☀️ Куыд зæгъынц, афтæмæй канд фынджы дзаджджындзинадмæ нæ бæллынц. Хъуамæ дæ митæ, ныхас æмæ хъуыдытæ уой сыгъдæг.

🟢 Дзуары бынмæ карз нозт нæ хæссынц, нæдæр дзы æнæуаг, нæдæр хъæр ныхас фехъусдзынæ.

🟠 Лæггадгæнæг æмæ омменгæнæг кæстæртæ та — бирæ.

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

19 Nov, 00:13


☑️ Аслан Бжания ацыд президенты бынатӕй ӕмӕ 'ссыгъдӕг кодта фӕндаг ног ӕвзӕрстытӕм.

⚡️ Ӕфсымӕрон Абхазы та ногӕй демократи фӕуӕлахиз!

Фидиуӕг

18 Nov, 14:21


🤍❤️💛 Алагиры 2-ӕм скъолайы 3-ӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ кӕнынц Ирыстоны ӕппӕт адӕмӕн Уастырджыйы бӕрӕгбоны фӕдыл!

Сывӕллӕтты бацӕттӕ кодтой Битарты А.Г., Беллекаты С.Х., Æмбалты З.Р..

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

18 Nov, 11:56


🐂 🔥 Уастырджийы бӕрӕгбон райдайы галæргæвдæнæй.

Бирæтæ снывонд кæнынц гал кӕнӕ уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц. Нывонд галы хъӕуы равзарын иу азы размӕ, афтӕ растдӕр у.

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

18 Nov, 11:02


🇷🇺 Абон Уастырджийы мӕйы 18-ӕм боны Ирыстоны у улӕфгӕ бон.

Ӕппӕт ирон адӕм цӕгатӕй хуссармӕ нысан кӕнынц не'стырдӕр националон дины бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу - Уастырджийы кувæн къуыри! Йӕ хорзӕх нӕ уӕд!

Цымыдисон уый у ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сыгъдӕг ирон бӕрӕгбæттӕй ӕрмӕст ацы Стыр бӕрӕгбон нымад у куыд официалон улӕфгӕ боныл дӕр.

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

17 Nov, 15:22


🔥 Ирыстоны райдыдта Джеоргуыба – Уастырджимæ кувæн къуыри – æмæ нæ республикæйы цæрджытæн кæнын зæрдиаг арфæ!

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Джеоргуыбайы бонты Иры адæм зæрдæрухсæй кувдзысты Иунæг Стыр Кадджын Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, фæдзæхсдзысты сыл сæ бинонты, сæ бæлццæтты, сæ хæстонты, сæ рынчынты, курдзысты сабырдзинад, цæмæй нын нæ Райгуырæн зæхх фыдбылзæй хизой, уый.

Се ‘ппæты куывдтытæ дæр Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ дзæбæхæй хъуысæнт! Кæддæриддæр Ирыстоныл аудæн!

© БИТАРТЫ ВЯЧЕСЛАВ

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

17 Nov, 14:50


💬 Ирыстоны адӕмон артист Сӕлбиты Аким арфӕтӕ кӕны Уастырджийы бӕрӕгбоны федыл.

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы

Фидиуӕг

17 Nov, 09:49


🔥 Абон Ирыстоны райдыдта нæ сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Уастырджийы Къуыри æмæ уын зæрдиаг арфæ кæнӕм!

Сабырдзинад, æнæниздзинад, бинонты амонд æмæ фарн — ууыл уыдзысты Уастырджимæ кувæн къуыри нæ адæмы куывдтытæ.

Нæлгоймæгты, хӕстонты æмæ бæлцæтты бардуагыл фæдзæхсдзыстæм абон тохы быдыры цы сахъхъ лæппутæ ис, уыдоны. Уастырджи сæ фыдбылызæй хъахъхъæнæд, сæ хæдзæрттæм уæлахизимæ сыздæхæнт!

Зынаргъ хæлæрттæ, бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Уæ зæрдиаг куывдтытæ æмæ арфæтæ Уастырджимæ хъуысæнт! Кæрæдзийы æмбаргæйæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ сабырæй куыд цæрæм, ахæм амонд нæ уæд!

@ironkanal

#Дунемӕбакаст
#ирондин
#Хуыцау
#Уастырджы
#Зӕдтӕ
#Дауджытӕ
#Æгъдау
#Фарн

Фидиуӕг

17 Nov, 00:45


❄️ Ирыстон абон сӕумӕрайсомӕй: цӕттӕ у сӕмбӕлын йӕ сӕйраг националон бӕрӕгбоныл.

Фидиуӕг

16 Nov, 23:44


⚡️Дзӕуӕджыхъӕуы цӕрджытӕн ис хорз фадат арӕх ӕмбӕлой ирон клубы ӕмӕ цымыдисаг ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ ныхӕстӕ кӕрӕдзиимӕ фӕкӕной.

✔️ Ды дӕр хайад дзы райс!

Фидиуӕг

16 Nov, 21:51


🎵 15 ноябры-ма Мӕскуыйы ирон адӕмӕн йӕ рӕсугъд зардӕй сӕ зӕрдӕтӕ барухс кодта BESOLTI DIANA дӕр.